6 Зарахӕн уыди фондз фырты: Зимри, Етан, Хеман, Калкол, Дара.
Йӕ куырыхон зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Уыйас зонындзинӕдтӕ никӕмӕ уыди, суанг Езрахитаг Етанмӕ ӕмӕ Махолы фырттӕ Хеман, Калкол ӕмӕ Дардамӕ дӕр. Йӕ ном айхъуысти йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтыл.
Соломон дӕр ӕрвылаз Хирамы хӕдзарӕн ӕрвыста ссӕдз мин коры мӕнӕу ӕмӕ ссӕдз коры сыгъдӕг оливӕйы сой.
Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.
Зимрийы фырт — Карми. Кармийы фырт — Ахар, Дунедарӕгӕн цы снывонд чындӕуыд, уыдонмӕ фӕныхилгӕйӕ, Израилы адӕмы бӕллӕхы чи баппӕрста, уый.
Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.
Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм.