Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 2:55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

55 Ноджы ма Иавецы цӕрӕг софериӕгты мыггӕгтӕ: тирайӕгтӕ, шимайӕгтӕ, сухайӕгтӕ. Адон се ’ппӕт дӕр рехавонты фыдӕл Хамматы артӕй рацӕуӕг кенӕгтӕ сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 2:55
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы ’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ.


Салмайы байзӕддӕгтӕ: вифлеемӕгтӕ, нетофӕгтӕ, атрот-бет-йоавӕгтӕ ӕмӕ Манахтийы цӕрджыты иннӕ ӕмбис, Цорайӕ чи рацыд, уыдон.


Давидӕн Хевроны райгуырди фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Амнон, йӕ мад изреелаг Ахиноам, уый кӕстӕр — Даниил, йӕ мад кармелаг Авигеа,


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


„Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».


Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: „Мах куырыхон стӕм, Дунедарӕджы Ӕгъдау немӕ ис“? Динамонджыты мӕнг ныхӕстӕ уыцы Ӕгъдау дӕр смӕнг кодтой!


Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы ’хсӕн ӕрцардысты.


Уыцы заман Каины фӕдон Хевер кенӕгтӕй, Моисейы каис Ховавы фӕдонтӕй йӕхи фӕхицӕн кодта. Кедешмӕ хӕстӕг, Цаананнимы тулдзы цур, йе ’фсадимӕ рӕсӕнуат скодта.


Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ