50 Адон се ’ппӕт дӕр сты Калевы байзӕддӕгтӕ. Евфратӕйы фыццаг зӕнӕг Хуры фырттӕ: Кирйат-Иаримы бындурӕвӕрӕг Шовал,
Ноджы ма йын райгуырдысты Мадманнайы фыд Шааф, ӕмӕ Махбена ӕмӕ Гевӕйы фыд Шева. Калевӕн уыди чызг дӕр, йӕ ном — Ахса.
Вифлеемы бындурӕвӕрӕг Салма, Бет-Гадеры бындурӕвӕрӕг Хареф.
Кирйат-Иаримы мыггӕгтӕ: итриӕгтӕ, путӕгтӕ, шумайӕгтӕ ӕмӕ мишрайӕгтӕ. Адонӕй равзӕрдысты цорайӕгтӕ ӕмӕ ештаолӕгтӕ.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ: Парец, Есром, Карми, Хур, Шовал.
Пенуел уыди Гедоры фыд, Езер — Хушайы фыд. Адон сты Евфратӕйы зӕнӕджы хистӕр — Вифлеемы бындурӕвӕрӕг — Хуры байзӕддаг.
Кирйат-Баал (ома Кирйат-Иарим) ӕмӕ Равва — дыууӕ сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.]
Хохы сӕрӕй арӕн фӕзылди Нефтоахы донгуырӕнмӕ ӕмӕ рахызт Ефроны хӕхбӕсты сахартӕм, уырдыгӕй та фӕзылди Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ).
Уӕд израилӕгтӕ абалц кодтой ӕмӕ сын ӕртыккаг бон сӕ сахартӕм бахӕццӕ сты. Сӕ сахартӕ та уыдысты Гивон, Кефира, Беерот ӕмӕ Кирйат-Иарим.
Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!
Кирйат-Иаримы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын сӕхимӕ ахастой. Уым ӕй къуылдымыл цӕрӕг Авинадавы хӕдзармӕ схастой, ӕмӕ йын Авинадавы фырт Елеазары хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдтой.