Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Фӕлӕ фӕстӕдӕр гешурӕгтӕ ӕмӕ арамейӕгтӕ байстой Хаввот-Иаиры хъӕутӕ ӕмӕ Кенат йӕ алыварс хъӕутимӕ — ӕдӕппӕтӕй ӕртиссӕдз. Уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Галаады фыд Махиры байзӕддӕгтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 2:23
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.


Авессалом Гешурмӕ куы алыгъд, уӕдӕй ӕртӕ азы куы рацыд,


Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.


Сегувӕй райгуырди Иаир. Иаирӕн Галаады зӕххыл уыд ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз сахары.


Есромы амӕлӕты фӕстӕ йӕ фырт Калев ӕмуат ӕрцыди йӕ фыды ус Ефрафӕимӕ, ӕмӕ йын уый ныййардта Ашхуры. Ашхур уыди Текоайы фыд.


Иаир, Менассиайы фырт, йӕхи бакодта Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, суанг гешурӕгтӕ ӕмӕ маахайӕгты арӕнтӕм, йӕхи номӕй сӕ рахуыдта ӕмӕ ма абоны онг дӕр Башан хонынц Хаввот-Иаир.


Фӕлӕ израилӕгтӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы адӕмы нӕ фӕтардтой, ӕмӕ уыдон абон дӕр цӕрынц израилӕгтимӕ.


Маханаимӕй райдай ӕмӕ Башан иууылдӕр, башанаг паддзах Огы бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй Иаиры цатырхъӕутимӕ (ӕртиссӕдз хъӕуы);


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ