21 Есромыл ӕртиссӕдз азы куы рацыд, уӕд ӕрхаста Махиры чызджы, ӕмӕ йын уымӕй райгуырди Сегув. Махир уыди Галаады фыд.
Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.
Хурӕй райгуырд Ури; Урийӕ райгуырди Бецалел.
Сегувӕй райгуырди Иаир. Иаирӕн Галаады зӕххыл уыд ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз сахары.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ: йӕ арамейаг номылусӕй рацыди фырт Асриел, ноджы — Махир, Галаады фыд.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ: Махирӕй — Махиры хӕдзарвӕндаг; Махирӕй райгуырд Галаад, Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг.
Хеферы фырт Цалфахады (Хефер — Галаады фырт, Галаад — Махиры фырт, Махир — хӕдзарвӕндаджы хистӕр Менассиайы фырт, Менассиа — Йосефы фырт) чызджытӕ — Махла, Ноа, Хогла, Милка ӕмӕ Тирца —
Менассиайы фырт Иаир цалдӕр хъӕуы бацахста ӕмӕ сӕ Иаиры хъӕутӕ схуыдта.
Махирӕн ӕз радтон Галаад.