13 Йессейӕн йӕ хистӕр фырт — Елиав, уый кӕстӕр — Авинадав, ӕртыккаг — Шима,
Амнонӕн уыд иу хӕлар, йӕ ном — Йехонадав, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, тынг хинӕйдзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕг.
Асаелы мард систой ӕмӕ йӕ Вифлеемы йӕ фыды зӕппадзы бавӕрдтой. Йоав йӕ адӕмимӕ ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыди, ӕмӕ сыл Хевроны ӕрбабон ис.
Боазӕй — Овед, Оведӕй — Йессей.
цыппӕрӕм — Нетанел, фӕндзӕм — Раддай,
фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта.
иудейӕгтӕн — Елигу, Давиды ӕфсымӕртӕй; Иссахары хӕдзарвӕндагӕн — Михаелы фырт Омри;
Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары.
Йе ’ртӕ хистӕр фырты Саулы фӕдыл ацыдысты хӕцынмӕ. Сӕ нӕмттӕ уыдысты: хистӕрӕн — Елиав, дыккагӕн — Авинадав, ӕртыккагӕн та — Шамма.
Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ».