Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур, ӕххуысмӕ сӕм цы паддзӕхтӕ фӕзынд, уыдон та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 19:9
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур. Цова ӕмӕ Реховы цӕрӕг арамейӕгтӕ ӕмӕ Тов ӕмӕ Маахайы ӕфсӕдтӕ та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты.


Паддзах сын загъта: «Хорз, сымах куыд фӕнды, афтӕ бакӕндзынӕн уӕдӕ». Сахары кулдуары цур лӕууыди, цалынмӕ йӕ адӕм, сӕдӕгӕйттӕ ӕмӕ мингӕйттӕй ӕрлӕугӕйӕ, рӕнхъытӕй ӕддӕмӕ цыдысты, уӕдмӕ.


Сирийы паддзах Бен-Хадад ӕрӕмбырд кодта йе ’ппӕт ӕфсад, бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕттӕй ифтонг, ӕмӕ йӕ дӕлбар паддзӕхтӕй ӕртын дыууӕимӕ абырста Самарийы ’рдӕм, йӕ ныхмӕ хӕст расидт ӕмӕ йыл ӕрхъула кодта.


Мӕнӕ дын нӕ уынаффӕ: дӕ дӕлбар паддзӕхты сис сӕ бынӕттӕй ӕмӕ сын сӕ бӕсты сӕвӕр ӕфсӕддон хицӕуттӕ.


Йоав куы федта, знӕгтӕ израилӕгтӕн сӕ разӕй дӕр ӕмӕ сӕ чъылдыммӕ дӕр кӕй лӕууынц, уый, уӕд йӕ хуыздӕр хӕстонты арамейӕгты ныхмӕ ӕрлӕууын кодта.


Давид уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йоавы арвыста йӕ тохвӕлтӕрд ӕфсадимӕ.


Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.


Аса дӕр йӕ ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ ӕрлӕууыди Марешайы цур, Цефатайы дӕлвӕзы.


Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой.


Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ — кард ӕмӕ ӕрдын. Хъӕхъхъаг сты, хатыр нӕ зонынц, хъӕр кӕнынц денджызы уынӕрау. Хӕстонтӕ сӕ бӕхтыл хӕстӕввонгӕй згъорынц, цӕмӕй дӕ ныхмӕ схӕцой, Вавилоны чызг!


Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты.


Саул ӕмӕ Израилы ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд сты. Ӕрбынат кодтой Теревинфы дӕлвӕзы ӕмӕ филистимӕгтимӕ тохмӕ сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ