8 Давид уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йоавы арвыста йӕ тохвӕлтӕрд ӕфсадимӕ.
Давид загъта: «Йевусӕгтӕм раздӕр чи бабырса, уый уыдзӕн ӕфсады хицау». Фыццаджыдӕр сахармӕ балӕбурдта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сси ӕфсады хицау.
Дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз мин тохуӕрдоны, стӕй Маахайы паддзахы ӕд ӕфсад баххуырстой. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ Медевайы цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Сӕ сахартӕй хӕстмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ дӕр.
Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур, ӕххуысмӕ сӕм цы паддзӕхтӕ фӕзынд, уыдон та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты.