Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 19:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз мин тохуӕрдоны, стӕй Маахайы паддзахы ӕд ӕфсад баххуырстой. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ Медевайы цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Сӕ сахартӕй хӕстмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 19:7
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.


Давид ӕрбатӕлӕт кодта мин тохуӕрдоны, уӕрдонджын ӕфсадӕй авд мин хӕстоны райста уацары, фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Бӕхтӕй ма ныууагъта, сӕдӕ уӕрдоны цы сифтындзой, уый бӕрц, иннӕ бӕхтӕн та се счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта.


Давид уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йоавы арвыста йӕ тохвӕлтӕрд ӕфсадимӕ.


Сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыд эфиопаг Зерах, йе ’фсады уыди мин мины хӕстонтӕ ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ тохуӕрдоны. Ӕрбахӕццӕ ис Марешайы сахармӕ.


Мысырӕгтӕ — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ, йе ’ппӕт ӕфсад — абырстой сӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ денджызы былгӕрон, Баал-Цефонмӕ ӕввахс, Пи-Хахироты цур баййӕфтой.


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг».


Арноны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ароеры сахар, стӕй дӕлвӕзӕн йӕ тӕккӕ астӕу цы сахар ис, уый дӕр; Медевайы онг уӕлвӕз ӕнӕхъӕнӕй,


Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕмӕ донвӕды тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй райдай ӕмӕ Дивонӕй Медевайы ӕхсӕн тъӕпӕн ӕнӕхъӕнӕй,


Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ