Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 19:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, ныддаста сӕ, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 19:4
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аммонаг ӕлдӕрттӕ загътой Ханунӕн: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй бӕстӕйыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной».


Фӕндагыл ма уыдысты, афтӕ сын Давид сӕ хабар фехъуыста ӕмӕ сӕ размӕ лӕгтӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ ӕгад ӕмӕ худинаджы уавӕры уыдысты. Паддзахы бардзырд уыди: «Цалынмӕ уӕ боцъотӕ разайой, уӕдмӕ Йерихоны баззайут, стӕй ӕрбаздӕхдзыстут».


Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Уадз, сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕнда, фыдлӕгты къух мӕ, уадз, ма фӕсура.


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се ’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй.


Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой.


Уӕ къӕмисӕнты хил ма ӕлвынут, стӕй уӕ зачъетӕ ма цыбыр кӕнут.


Йӕ иннӕ цагъары сӕм арвыста, фӕлӕ йӕ сӕрыскъуыд фӕкодтой ӕмӕ йӕ ӕгады тард ракодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ