1 Азфыстытӕ 19:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3 Аммонаг ӕлдӕрттӕ загътой Ханунӕн: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй бӕстӕйыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Даны фӕдонтӕ сӕ хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, фондз адӕймаджы, фондз фӕлтӕрд хӕстоны равзӕрстой ӕмӕ сӕ арвыстой бӕрӕгдзау, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы тыххӕй алцыдӕр базоной. Загътой сын: «Ацӕут ӕмӕ алцыдӕр сбӕрӕг кӕнут бӕстӕйы тыххӕй». Уыдон бахӕццӕ сты Ефремы хӕхтӕм, Михайы хӕдзары цурмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвиуат бакодтой.