Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 19:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты, Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 19:2
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид загъта: «Саулы бинонтӕй, цымӕ, ничиуал баззади? Фӕнды мӕ, Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, уымӕн баххуыс кӕнын».


Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».


Елисей Гиезимӕ дзуры: «Зӕгъ-ма йын, ӕдзух ныл, зӕгъ, афтӕ зӕрдиагӕй аудыс, ӕмӕ мӕ фӕнды, исты хорз дын куы ракӕнин. Паддзахмӕ кӕнӕ дын ӕфсады хицаумӕ бацӕудзынӕн цыфӕнды курдиаты тыххӕй дӕр». Сылгоймаг загъта: «Бузныг! Фӕлӕ цы мыггаджы ’хсӕн цӕрын, уым ницы хъуаг дӕн».


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ амард аммонаг паддзах Нахаш, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йӕ фырт.


Аммонаг ӕлдӕрттӕ загътой Ханунӕн: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй бӕстӕйыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной».


Уыцы бон ӕппӕт дзыллӕйы раз хъӕрӕй кастысты Моисейы чиныг. Уым фыст уыди, аммонаг ӕмӕ моавагӕн Хуыцауы адӕмы ӕхсӕнмӕ бацӕуӕн нӕй, зӕгъгӕ,


Аммонаг Тобиа дӕр йӕ цуры уыд ӕмӕ йын загъта: «Уадз ӕмӕ аразой: рувас ыл куы ауайа, уӕд дӕр ӕркӕлдзӕн сӕ дурӕй амад къул».


Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ ашдодӕгтӕ куы фехъуыстой, Йерусалимы къултӕ ногӕй аразӕм, сӕ къахыртӕ сын ӕхгӕнӕм, уӕд мӕстӕй ссыгъдысты.


Паддзах бафарста: «Уый тыххӕй Мардохейӕн цы кад скодтой, цы хорзӕх ын радтой?» Ӕмӕ йӕ дӕлбартӕ, лӕггад ын чи кодта, уыдон загътой: «Ницы».


Сахары иу мӕгуыр, фӕлӕ куырыхон лӕг разынд ӕмӕ йӕ куырыхон зонды фӕрцы сахар фервӕзын кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сахары хъуыдыгӕнӕг нӕ уыди.


Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.


Давид Циклагмӕ куы ӕрцыд, уӕд йе ’фтиагӕй арвыста йӕ хӕлӕрттӕн, Иудӕйы хистӕртӕн, ахӕм ныхасимӕ: «Мӕнӕ уын, Дунедарӕджы знӕгтӕй кӕй байстам, уымӕй хай».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ