13 Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын, ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».
Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».
Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».
Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн.
Йоав йе ’фсадимӕ сӕхи андзӕрстой арамейӕгтыл, ӕмӕ уыдон лидзӕг фесты.
Уӕдӕ сыст уӕлӕмӕ, хъуыддаг дӕуӕй аразгӕ у, ӕмӕ мах дӕр дӕумӕ кӕсӕм: цырд фӕлӕуу ӕмӕ февнал!»
Ӕркастӕн сӕм ӕмӕ сын сӕ номдзыддӕртӕн ӕмӕ сӕ хицӕуттӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн загътон: «Ма тӕрсут фыдгулӕй! Рох уӕ ма уӕд цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг Дунедарӕг, афтӕмӕй схӕцут уе ’фсымӕртӕ, уӕ лӕппутӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ устытӕ ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты сӕраппонд!»
Уыимӕ ницы тӕригъӕды бацыди Иов, ницы азым ӕрхаста Хуыцаумӕ.
Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.
Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.
Йешуа сын ноджыдӕр загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут! Уӕ ныфс макуы асӕттӕд! Фидар лӕуут ӕмӕ ма фӕцудут! Уӕ фыдгултӕй кӕимӕфӕнды дӕр куы схӕцат — адонау сӕ бафхӕрдзӕни Дунедарӕг».
Израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн загътой: «Тӕригъӕд ракодтам. Цы Дӕ фӕнды, уый нын сараз, ӕрмӕст нӕ ныр фервӕзын кӕн».
Давид Саулӕн загъта: «Уыцы филистимаг йӕ ныфс макӕмӕн асӕттӕд. Дӕ цагъар ацӕудзӕн ӕмӕ рахӕцдзӕн йемӕ».
Самуел ын ӕппӕт дӕр радзырдта, ницы дзы бамбӕхста. Уӕд Елиа загъта: «Уый Дунедарӕг у, ӕмӕ Йӕ зӕрды цы ис, уый ӕххӕст кӕны».
Фидар лӕуут ӕмӕ уе ’хсар равдисут, филистимӕгтӕ, ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ цагъартӕ ма суат, уыдон сымахӕн цагъар куыд сты, афтӕ. Семӕ тохы бацӕут — уӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ уӕхӕдӕг!»