7 Адад-Езеры дӕлдӕртӕн Давид сӕ сыгъзӕрин уартытӕ байста ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ схаста.
Сауджын сыл байуӕрста, кӕддӕр паддзах Давид Дунедарӕджы Кувӕндоны кӕй бафснайдта, уыцы ӕрцытӕ ӕмӕ уартытӕ.
Уӕд йе ’фсад ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.
Адад-Езеры сахартӕ Тивхат ӕмӕ Куны тынг бирӕ ӕрхуы ӕрбатӕлӕт кодта Давид, ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр Соломон Кувӕндонӕн ӕрхуы денджыз, цӕджындзтӕ ӕмӕ алыхуызон ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сарӕзта.