5 Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта.
Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд.
Давид ӕрбатӕлӕт кодта мин тохуӕрдоны, уӕрдонджын ӕфсадӕй авд мин хӕстоны райста уацары, фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Бӕхтӕй ма ныууагъта, сӕдӕ уӕрдоны цы сифтындзой, уый бӕрц, иннӕ бӕхтӕн та се счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта.
Уӕд йе ’фсад ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.
Давидӕн ӕнӕуынон систы, уый куы бамбӕрстой, уӕд Ханун ӕмӕ аммонӕгтӕ Арам-Нахараиммӕ, стӕй Арам-Мааха ӕмӕ Цовамӕ ӕвзисты мин таланты арвыстой, цӕмӕй тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕрджытӕ баххуырстой.
О Хуыцау, фехъус мын ме ’рдиаг! Айс мын мӕ куывд!
Саул Израилы ӕрфидар кодта йӕ паддзахдзинад ӕмӕ йӕ алфамбылай знӕгтӕй алкӕимӕ дӕр хӕцыди: тох кодта моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, едомӕгтӕ, Цовайы паддзах ӕмӕ филистимӕгтимӕ. Кӕдӕмдӕриддӕр-иу бабырста, уым-иу фӕуӕлахиз.