Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Давид ӕрбатӕлӕт кодта мин тохуӕрдоны, уӕрдонджын ӕфсадӕй авд мин хӕстоны райста уацары, фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Бӕхтӕй ма ныууагъта, сӕдӕ уӕрдоны цы сифтындзой, уый бӕрц, иннӕ бӕхтӕн та се счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 18:4
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, — куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц, сӕ хъалӕй уыдон галтӕн сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц!


Давид ын йӕ бӕхджынтӕй иу мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы райста уацары, йӕ фистӕг ӕфсадӕй — ссӕдз мины. Сӕдӕ тохуӕрдоны ӕд бӕхтӕ йӕхицӕн ныууагъта, иннӕ бӕхтӕн та се счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл кодта.


Соломон ӕртымбыл кодта бирӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Тохуӕрдӕттӕ йӕм уыди мин цыппарсӕдӕ, хӕстон бӕхтӕ та — дыууадӕс мины. Дардта сӕ, тохуӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уым, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.


Йӕ барджынтӕ уыдысты: Цадокы фырт Азариа — сауджын;


Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд.


Цовайы паддзах Адад-Езермӕ ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты дамаскаг арамейӕгтӕ, ӕмӕ Давид уыдонӕй дӕр дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины ныццагъта.


Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.


Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“


Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ сӕ райсом ацафон иууылдӕр ныццӕгъдын кӕндзынӕн израилӕгтӕн. Ды-иу сын фӕсхӕст сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл лас, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтау».


Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сын бакодта Йешуа: сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ сын адзӕнгӕл ласта, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтыдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ