16 Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Авимелех — сауджынтӕ, Шавша — нымӕрдар,
Шева — нымӕрдар, Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;
Ахитувы фырт Цадок ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелех — сауджынтӕ, Серай — нымӕрдар,
Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.
Шишайы фырттӕ Елихореф ӕмӕ Ахийа — нымӕрдартӕ; Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг;
Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,
Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн. Давиды фырттӕ уыдысты паддзахады фыццаг лӕгтӕ.
Давид Елеазары байзӕддаг Цадок ӕмӕ Итамары байзӕддаг Ахимелехы ӕххуысӕй сауджынты адих кодта хицӕн къордтыл.
Номхыгъдмӕ сӕ бахаста нымӕрдар Шемайа, Нетанелы фырт, левит. Ныффыста сӕ паддзахы, ӕлдӕртты, сауджын Цадокы ӕмӕ Авиафары фырт Ахимелехы, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты мыггӕгтӕн сӕ хистӕрты раз. Елеазары мыггӕгтӕй дыууӕйы ныхмӕ Итамары мыггӕгтӕй ӕвзӕрстой иуы.
Аирвӕзт ма ӕрмӕст Ахитувы фырт Ахимелехы фырттӕй иу, йӕ ном — Авиафар. Алыгъди ӕмӕ Давидимӕ баиу.