Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 18:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Давид Едомы йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Едомы адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 18:13
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».


Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Исаак ын дзуапп радта: «Йаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?»


Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар. Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».


Давид фидары уыди, филистимӕгты иу къорд та — Вифлеемы раз.


Кӕддӕр Давид едомӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд ма Хадад чысыл лӕппу уыд ӕмӕ йӕ фыды фӕсдзӕуинтӕй цалдӕримӕ Мысырмӕ алыгъд. Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Давиды ӕфсады хицау Йоав араст, Едомы зӕххыл израилаг хӕстонтӕй чи фӕмард, уыдоны мӕрдтӕ баныгӕнынмӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ Едомы фӕци ӕхсӕз мӕйы бӕрц, цалынмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты иууылдӕр ныццагъта, уӕдмӕ.


Церуайы фырт Авишай Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины.


Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.


Уӕд йе ’фсад ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.


Фарн уӕд дӕ систы ӕхсӕн, ӕнӕфыдбылыз уӕнт дӕ галуантӕ!»


Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.


Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн.


Паддзах Аретайы бӕстыхицау мӕн ӕрцахсыны тыххӕй Дамаскы сахары рацӕуӕнтӕ бӕргӕ хъахъхъӕдта, фӕлӕ мӕ рудзынгӕй тӕсчъы ӕруагътой сисыл, ӕмӕ йӕ къухмӕ нӕ бахаудтӕн.


Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй.


Ионатан ныддӕрӕн кодта, филистимӕгтӕн Гевӕйы цы ӕфсады къорд лӕууыд, уый, ӕмӕ филистимӕгтӕн уыцы хабар сӕ хъустыл ӕрцыд. Ныр Саул та ӕгас бӕстӕйыл сыкъауадындзӕй ныууасын кодта ӕмӕ фӕсидт: «Фехъусӕнт дзуттӕгтӕ!»


Иу бон Ионатан, Саулы фырт, йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ, уӕртӕ фалӕрдыгӕй цы филистимаг ӕфсӕддон къорд лӕууы, уымӕ бахъуызӕм». Ӕрмӕст йӕ фыдӕн уый тыххӕй ницы ской кодта.


Йе ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр-иу разынд ӕнтыстджын, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг аудыдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ