1 Азфыстытӕ 17:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст9 Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, скӕндзынӕн бынат, уым сын сӕ уидӕгтӕ ауадздзынӕн ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау, အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.