27 Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. Уымӕн ӕмӕ Дӕ арфӕйӕ, о Дунедарӕг, уый арфӕгонд уыдзӕни ӕнустӕм».
Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн».
Уыдоны туджы азар баййафӕд Йоавӕн йӕхи сӕр дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты сӕр дӕр мыггагмӕ. Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн та — йӕ байзӕддаг паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕн — Дунедарӕг мыггагмӕ фарн балӕвар кӕнӕд!»
Паддзах Соломон та арфӕгонд уӕд, Давиды къӕлӕтджын мыггагмӕ дӕр ӕнӕфӕцудгӕ лӕууӕд Дунедарӕджы раз!»
О Дунедарӕг, Ды — Хуыцау, Ды фехъусын кодтай Дӕ цагъарӕн фарны уац!
Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Гат ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ.
Ӕцӕг, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мӕ фыды ӕппӕт бинонтӕй равзӕрста мӕн, цӕмӕй мыггагмӕ уон Израилы паддзах. Фӕтӕгӕй равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды бинонты, мӕ фыды фырттӕй та баввӕрсыд мӕныл, цӕмӕй суон ӕппӕт Израилы паддзах.
Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.
цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.
Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу.
Хуыцауы лӕвӕрттӕ ӕмӕ сидт ӕнӕивгӕ сты.
Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!
Зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕх куы уа, уӕд бирӕ адӕмтӕн ӕфстау дӕтдзыстут, уӕхи та ӕфстау райсыны сӕр никуы бахъӕудзӕн; сымах бирӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзыстут, уыдон та уын хицауиуӕг нӕ кӕндзысты.