23 О Дунедарӕг, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн!
Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
Уӕдӕ ныр Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Кӕддӕр дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн!
Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау.
Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сӕ Хуыцау у Израилӕн“! Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг.
Ӕцӕг, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мӕ фыды ӕппӕт бинонтӕй равзӕрста мӕн, цӕмӕй мыггагмӕ уон Израилы паддзах. Фӕтӕгӕй равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды бинонты, мӕ фыды фырттӕй та баввӕрсыд мӕныл, цӕмӕй суон ӕппӕт Израилы паддзах.
Гъемӕ уӕдӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый сӕххӕст уӕд. Зӕххы рыгау банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай паддзахӕй,
Ӕмӕ уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, уӕ фыдӕлтӕн уын цы сомы ракодтон, уый, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары ӕмӕ абоны онг уӕ къухы чи ис, уыцы зӕхх сын ратдзынӕн, зӕгъгӕ“». Ӕз дзуапп радтон: «Аммен, Дунедарӕг!»
Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Бардарӕджы цагъар дӕн; цы загътай, уый мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ уыйадыл зӕд нал уыди йӕ разы.