Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 17:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Натан Давидӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау демӕ ис».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 17:2
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Натан загъта паддзахӕн: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг демӕ ис».


Мӕ фыд Давиды фӕндыди Кувӕндон саразын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номыл.


Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».


Фӕлӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Хуыцау раргом ис Натанмӕ:


Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.


Схайджын ӕй кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй, йӕ сӕрыл ын сыгъзӕрин кады худ ӕркодтай.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».


Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»


Уымӕн ӕмӕ нӕ зонынад ӕххӕст нӕу ӕмӕ нӕ пехуымпарад ӕххӕст нӕу.


Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.


Ӕппӕт уыдӕттӕ дыл куы ’рцӕуа, уӕд-иу уавӕртӕм гӕсгӕ дарддӕр архай, уымӕн ӕмӕ дыл Хуыцау ауды.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ