19 О Дунедарӕг! Дӕ цагъары тыххӕй ӕмӕ Дӕхи фӕндонӕй скодтай ӕмӕ раргом кодтай ацы стыр кад.
Дӕ дзырд ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй скодтай Ды уыцы стыр кад ӕмӕ йӕ раргом кодтай Дӕ цагъарӕн.
Ды Дӕ цагъары афтӕ сбӕрзонд кодтай, ӕмӕ ма Дын цы зӕгъа Давид? Ды Дӕ цагъары зӕрдӕ афтӕмӕй дӕр зоныс.
О Дунедарӕг! Нӕ хъустӕй цыдӕриддӕр фехъуыстам, уый фӕрцы зонӕм: Ды дӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау.
Мыды къусау — йӕ нӕргӕ хӕдзар, йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон.
Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн, рӕстгӕнӕг мыггагмӕ дӕр рох нӕ уыдзӕн.
Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».
Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.
Загъта мын: «Ды Мӕ цагъар дӕ, Израил, дӕ фӕрцы скадджын кӕндзынӕн Мӕхи».
Нӕ Хуыцау, фехъус Дӕ цагъары куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Бардарӕг! Дӕ Кувӕндон хӕлд ӕрцыд, фӕлӕ йӕ Дӕхи сӕраппонд хорзӕхы аккаг скӕн!
О Мӕ Фыд! Дӕу афтӕ бафӕндыди.
Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы.