Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 17:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыд, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 17:16
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.


Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыди, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?


Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакасти. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ фыстӕг Дунедарӕджы раз райхӕлдта.


Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый тыххӕй Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.


Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай. Цыма стыр лӕг дӕн, афтӕ аудыс Ды мӕныл, о Дунедарӕг Хуыцау!


Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.


Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны йӕ фӕстӕ мӕн ӕрбадын кодтай.


Стыр у Дунедарӕг ӕмӕ у ӕппӕлыны аккаг, зонд не ’ххӕссы Йе стырадыл.


Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.


Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни,


Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,


Гедеон Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, ӕмӕ ӕз Израилы куыд фервӕзын кӕндзынӕн? Мӕ мыггагӕй мӕгуырдӕр Менассиайы хӕдзарвӕндаджы куы нӕй, стӕй мӕ бинонты ’хсӕн дӕр се ’ппӕты кӕстӕр ӕз куы дӕн».


Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».


Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ