15 Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый тыххӕй Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.
Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.
Ӕз ӕй ӕнустӕм сӕвӕрдзынӕн Мӕ хӕдзар ӕмӕ Мӕ паддзахады сӕргъы, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн фидар уыдзӕн мыггагмӕ“».
Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыд, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Дунедарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?
Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.
Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.