13 Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Мӕ хорзӕх дзы фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, дӕ размӕ чи уыд, уымӕй йӕ куыд райстон, афтӕ.
уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса.
Дунедарӕджы бафӕрсыны бӕсты. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Уый амардта ӕмӕ паддзахдзинад радта Йессейы фырт Давидӕн.
Уый Мын сараздзӕни Хӕдзар, Ӕз та йын мыггагмӕ йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн.
Ӕз ӕй ӕнустӕм сӕвӕрдзынӕн Мӕ хӕдзар ӕмӕ Мӕ паддзахады сӕргъы, ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн фидар уыдзӕн мыггагмӕ“».
Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!
«Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ: афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ; ды Мын абон райгуырдтӕ.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Уый уыдзӕни цытджын, хондзысты Йӕ Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Бардарӕг Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахы бадӕн.
Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».
Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.
Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».
Хуыцау зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ»? Кӕнӕ: «Ӕз Уымӕн уыдзынӕн Фыд, Уый та Мын уыдзӕни Фырт»?
Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.