Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 17:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 17:1
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Давидмӕ барвыста пехуымпар Натаны. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Иу сахары уыди дыууӕ лӕджы, сӕ иу бонджын, иннӕ та мӕгуыр.


ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын бахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым нысангонд бынаты сӕвӕрдтой. Давид Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхаста.


Йӕ хӕргӕфсыл ӕй сбадын кӕнын кодта ӕмӕ йын йемӕ Гихоны доны онг арвыста сауджын Цадокы, пехуымпар Натаны, Йеходайы фырт Бенайайы, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты. Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрстой, ӕмӕ сси нӕ паддзах. Уӕд уырдыгӕй цингӕнгӕ рараст сты фӕстӕмӕ, ӕмӕ сахар ӕмызмӕлд сси. Ныр дӕр уыцы уынӕр уайы уӕ хъустыл.


Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.


Мӕ фыд Давиды фӕндыди Кувӕндон саразын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номыл.


Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, цӕмӕй йын галуан саразой.


Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.


Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.


Натан Давидӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау демӕ ис».


Израилӕгты Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй нырмӕ Мын хӕдзар куы нӕ уыди — цатыры цыдтӕн Ӕз балцы.


Давид басидт йӕ фырт Соломонмӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста хӕдзар саразын Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.


Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.


Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты.


Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.


Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.


Цӕмӕй дӕ нӕзытӕй ӕппӕлай, уый тыххӕй сдӕ паддзах? Дӕ фыд дӕр хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ раст уыдысты! Рӕстдзинады фӕдыл цыд ӕмӕ ӕнӕмастӕй царди.


Ӕрбацыдысты мӕм дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕ. Фын сын куы радзырдтон, уӕд ӕй сӕ бон райхалын не сси.


Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»


Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн.


Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ