7 Уыцы бон Давид фыццаг хатт бафӕдзӕхста Асаф ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕн Дунедарӕджы кадӕн ацы арфӕйы зарӕг азарын:
Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.
сауджынтӕ Бенайа ӕмӕ Йахазиел та Хуыцауы Фидыды Чырыны раз алкӕддӕр цагътой хӕтӕлтӕй.
Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.
Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.