Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 16:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 сауджынтӕ Бенайа ӕмӕ Йахазиел та Хуыцауы Фидыды Чырыны раз алкӕддӕр цагътой хӕтӕлтӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 16:6
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдонимӕ — сӕ иннӕ ӕрвадӕлты, левитты куысты дӕлдӕр къӕпхӕныл чи лӕууыд, уыдон: Захариа, Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Бенайа, Маасеа, Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиелы.


Сауджынтӕ Шеваниа, Иосафат, Нетанел, Амасай, Захариа, Бенайа ӕмӕ Елиезер, Хуыцауы Фидыды Чырыны разӕй цӕугӕйӕ, цагътой хӕтӕлтӕй. Овед-Едом ӕмӕ Йехиа дӕр хъахъхъӕнджытӕ уыдысты Фидыды Чырынӕн.


Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,


Уыцы бон Давид фыццаг хатт бафӕдзӕхста Асаф ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕн Дунедарӕджы кадӕн ацы арфӕйы зарӕг азарын:


Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!


Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, уасӕнт сыкъауадындзтӕй; уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ