Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 16:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 16:5
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Дунедарӕджы раз фыр цинӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цагътой.


Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз Давид ӕрвылбоны лӕггадгӕнджытӕ скодта Асафы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты,


Давид Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз левиттӕй баурӕдта лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй кувой Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, кӕной Йын арфӕ ӕмӕ кад.


сауджынтӕ Бенайа ӕмӕ Йахазиел та Хуыцауы Фидыды Чырыны раз алкӕддӕр цагътой хӕтӕлтӕй.


уый фырт Тахат, уый фырт Уриел, уый фырт Узийа, уый фырт Саул.


Хеманӕн йӕ рахизфарс лӕууыд йе ’рвад Асаф; йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Варахи, Шима,


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ