43 Уый фӕстӕ адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм фӕцыдысты. Давид дӕр ӕрбаздӕхт ӕмӕ йӕ хӕдзаронтыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта.
Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
Ӕстӕм бон паддзах Соломон адӕмы ауагъта. Уыдон ын арфӕ ракодтой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм араст сты, Дунедарӕг Йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн цы бирӕ хӕрзты бацыд, уыдоныл цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ.
Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».
О Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ куывд, мӕ дзыназын Дӕм сыхъуысӕд.
Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».