Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Давид Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз левиттӕй баурӕдта лӕггадгӕнджытӕ, цӕмӕй кувой Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, кӕной Йын арфӕ ӕмӕ кад.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 16:4
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.


Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.


Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта:


Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ.


ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн, алы сылгоймаг ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр, фӕйнӕ дзулы ӕмӕ финиктӕ ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста.


Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,


Сыстаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном, адӕмты ’хсӕн Ын хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Давид Елеазары байзӕддаг Цадок ӕмӕ Итамары байзӕддаг Ахимелехы ӕххуысӕй сауджынты адих кодта хицӕн къордтыл.


Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд.


Дунедарӕджы хӕдзары Фидыды Чырын куы ӕрӕнцад, уый фӕстӕ дзы Давид сӕвӕрдта зарӕггӕнджыты.


Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.


Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ.


Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.


Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау ӕмӕ арв айтыгътай цатырау,


цӕмӕй уынон де ’взӕрстыты фӕрныг цард, Дӕ адӕмимӕ цин кӕнон ӕмӕ Дын кад кӕнон семӕ — Дӕ исбонимӕ.


Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.


Дунедарӕг, Ды — мӕ хъахъхъӕнӕг, ӕмӕ ӕз никуы фегад уыдзынӕн.


Ды сын сӕ фӕндаг скӕныс бырынцъаг ӕмӕ сӕ быныскъуыд фӕкӕндзынӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ