38 стӕй Овед-Едомы ӕмӕ йе ’рвад-ӕфсымӕрты, аст ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Йедутуны фырт Овед-Едомы ӕмӕ Хосайы та скодта дуаргӕстӕ.
Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.
Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.
Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты йӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт исбон дӕр.
Йедутуны фырттӕ: Гедалиа, Цери, Исайа, Шими, Хашавиа ӕмӕ Маттитиа, ӕхсӕз. Разамынд сын лӕвӕрдта сӕ фыд Йедутун, йӕ пехуымпариуӕгӕй ӕмӕ хъисфӕндыры цагъдӕй Дунедарӕгӕн кад ӕмӕ арфӕгӕнӕг.
Мерарийы байзӕддаг Хосайы фырттӕ: хистӕр — Шимри (йӕ фыццаг зӕнӕг нӕ уыди, фӕлӕ йын йӕ фыд радта хистӕры бартӕ),