37 Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз Давид ӕрвылбоны лӕггадгӕнджытӕ скодта Асафы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты,
Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон ӕмӕ, цас ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр хастой бӕрӕгбӕрц иууылсудзинӕгтӕ.
Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ Дунедарӕджы стаудзынӕн; цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ мӕ Хуыцауы кадӕн зардзынӕн.