Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 16:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Дунедарӕг уӕд арфӕгонд, йе Стыр Хуыцау Израилӕн! Кад Ын уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Ӕппӕт адӕм дӕр загътой: «Аммен! Алелуйа!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 16:36
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта:


«Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын радта ӕдас цард. Йӕ цагъар Моисейы дзыхӕй фӕрнджын ныхасӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ ныууагъта.


Езра Стыр Хуыцауӕн, Дунедарӕгӕн, раарфӕ кодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, аммен, аммен, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ сдардтой. Уый фӕстӕ сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой, кувгӕ-кувын зӕххыл ныддӕлгом сты.


Левиттӕ, Йешуа, Кадмиел, Бани, Хашавниа, Шеревиа, Ходиа, Шеваниа ӕмӕ Петахиа, дзырдтой: «Слӕуут! Стаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, мыггагӕй-мыггагмӕ! Кад кӕнӕнт Дӕ цытджын номӕн, цыфӕнды кад ӕмӕ ӕппӕлдӕй стырдӕр чи у, уымӕн!


«Дунедарӕг ахӕм хъуыддаг саразӕд! Уадз ӕмӕ дын Дунедарӕг сӕххӕст кӕна дӕ рагуац, ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзары дзаума иууылдӕр Вавилонӕй раздаха, стӕй хаст адӕмы се ’ппӕты дӕр.


Уымӕн ӕмӕ, ды Хуыцауӕн удӕй куы арфӕ кӕнай, уӕд, ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом цы адӕймаг нӕу, уый дӕ арфӕйӕн «аммен» куыд зӕгъдзӕн, цы дзурыс, уый куы не ’мбара, уӕд?


Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!


Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ