32 Ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон; райгонд уӕнт фӕзтӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон.
Хъӕды бӕлӕстӕ иууылдӕр ныццин кӕнӕнт Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрцӕудзӕн — тӕрхон кӕнынмӕ зӕххӕн.
Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных, сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц.
Рухс сӕрттывта рӕстгӕнӕгӕн, сыгъдӕг зӕрдӕты цин ӕрцарди.
Дунедарӕджы кадӕн ныззарут ног зарӕг! Стаут Ӕй, денджыздзаутӕ, денджызы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ, зӕххы алы кӕрӕтты!
Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.