31 Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх, уадз ӕмӕ адӕмты ’хсӕн айхъуыса: «Дунедарӕг паддзах у!»
Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд! Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн.
Алелуйа! Ӕппӕл, мӕ уд, Дунедарӕгӕй!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.
раст цыма скӕсӕйнаг дымгӕ таршишаг наутӕ ныппырх кодта, уыйау.
Дӕуӕн мин азы сты зноны бонау, ӕхсӕвы хъахъхъӕнӕджы иу аивдау.
Дунедарӕджы уарзджытӕ, ӕнӕуынон уын уӕд фыддзинад! Уый хъахъхъӕны рӕстгӕнджыты, ӕнӕхуыцӕутты къухӕй сӕ бахизы.
Псалом. Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг, уымӕн ӕмӕ Уый диссӕгтӕ сарӕзта. Йӕ рахиз къухӕй, Йӕ уаз къухӕй Уый райста уӕлахиз!
Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.
Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.
Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.
Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.
Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».
Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:
Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!