30 Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд! Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн.
Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар! Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн, бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у, ӕппӕлыны аккаг у Уый, ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр.
Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ. Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы!
Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх, уадз ӕмӕ адӕмты ’хсӕн айхъуыса: «Дунедарӕг паддзах у!»
Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи, Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн?
О, алкӕмӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фидӕг Хуыцау! О Дунедарӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи!
Уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, ӕгас зӕххӕй бӕрзонддӕр, ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр дӕ!
Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.
Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы.
Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».