27 Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.
Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ, Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ.
Адӕмтӕ, Дунедарӕджы стаут, сыстаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!
Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».
Мӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахаудтӕн, сӕ цӕстытӕ мӕм ныззынг кодтой — хъуамӕ мӕ афӕлдахой зӕххыл.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: Сӕндуцджыты хъӕлдзӕг зарӕджы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.
Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Йӕ раст тӕрхон, адӕмтӕ ӕвдисӕн сты Йӕ кадӕн.
Ӕз федтон: астӕуӕй уӕлӕмӕ уыди цӕхӕркалгӕ згъӕры ӕнгӕс, пиллон калдта артау, астӕуӕй дӕлӕмӕ та — арты хуызӕн, йӕ алыварс — тӕмӕнкалгӕ рухс.
Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.