26 Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ, Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ.
Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.
Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.
Хӕхтӕ тайынц мыдадзау Дунедарӕджы, зӕххы цъары Бардарӕджы раз.
Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.
Гуымирытӕм уе ’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.
Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.
Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.
Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ».