23 Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар! Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн, бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!
Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.
Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар гӕнах, размӕ мӕ кӕн Дӕ номы сӕраппонд, раст фӕндагыл мӕ сараз.
Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, ӕмӕ ӕууӕндгӕ дӕр кӕуыл кодтон, мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый дӕр мӕ ныхмӕ рацыди.
Бирӕ цӕрӕд! Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин, ӕдзух ын кувдзысты, ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.
Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»
Хуыцауы кадӕн зарут — Уый стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уадз айхъуса ӕгас зӕххыл сӕ кой.