19 Сӕ нымӕц чысыл куы уыд нырма, ӕрцӕуӕггӕтӕ куы уыдысты уыцы ран,
Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»
уӕд хӕтӕнхуагӕй иу бӕстӕйӕ иннӕмӕ, иу паддзахадӕй иннӕмӕ цыдысты.
Хуыцау дзы Авраамӕн уылынджы йас дӕр не схай кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, „йӕхи ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты кӕй бауыдзӕн“, уымӕй, кӕд ӕмӕ Авраамӕн уӕд зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр.
Дунедарӕг уӕ, иннӕ адӕмтӕй фылдӕр кӕй стут, уый тыххӕй нӕ бауарзта ӕмӕ нӕ равзӕрста, мыййаг. Уый уӕ, адӕмты ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр кӕй стут нымӕцӕй, уымӕн равзӕрста.
Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ.