16 Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.
фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.
Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.
Ӕз демӕ сараздзынӕн фидыд, дӕ байзӕддаджы дын сбирӕ кӕндзынӕн».
Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.
Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.
Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.
Мыггагмӕ дӕр ма рох кӕнут Йӕ фидыд, мин фӕлтӕрӕн кӕй бафӕдзӕхста,
Иузӕрдион Дыл кӕй у, уый федтай ӕмӕ йемӕ фидыд сарӕзтай: йӕ байзӕддагӕн ын ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ гиргашӕгты зӕххытӕ кӕй ратдзынӕ, уымӕй йын зӕрдӕ бавӕрдтай. Ӕмӕ сӕххӕст кодтай Дӕ дзырд, уымӕн ӕмӕ Ды дӕ раст Хуыцау.
Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.
Сымах та пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ стут. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ. Уый загъта Авраамӕн: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“.
Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.