15 Мыггагмӕ дӕр ма рох кӕнут Йӕ фидыд, мин фӕлтӕрӕн кӕй бафӕдзӕхста,
Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.
Фӕлӕ сӕ Хуыцау уӕддӕр фервӕзын кодта Йӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй Йӕ хъомыс равдиса.
Сӕ къухтӕ сты фыдракӕндтӕм ӕмхиц, сӕ рахиз къухтӕ — йемыдзаг гӕртӕмттӕй.
Дӕ байзӕддӕгтӕ раивдзысты сӕ фыдӕлты, ӕгас зӕххыл сӕ сӕвӕрдзынӕ хицӕуттӕй.
Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
Уӕдӕ зонут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау кӕй у, Йӕ сомы Чи нӕ сайы, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл тъымы-тъымамӕ Чи ауды.