12 Ма рох кӕнут Йӕ диссӕгтӕ, Йе ’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ тӕрхӕттӕ.
Сымах — Израилы байзӕддӕгтӕ, Йӕ цагъартӕ, Йаковы фӕдонтӕ, Йе ’взӕрстытӕ!
Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.
Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау ӕмӕ арв айтыгътай цатырау,
Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у.
Уыдон фӕцудыдтой ӕмӕ ӕрхаудысты, мах та сыстадыстӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм.
Ферох сӕ сты Йӕ хъуыддӕгтӕ, Йӕхӕдӕг сын кӕй фенын кодта, Йӕ уыцы диссӕгтӕ.
Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.
Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ!»
Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»