7 Гершоны мыггаджы раздзог Иоел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз лӕгмӕ;
Давид фӕдзырдта сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафармӕ, левиттӕй — Уриел, Асайа, Иоел, Шемайа, Елиел ӕмӕ Аминадавмӕ
Мерарийы мыггаджы раздзог Асайа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууӕсӕдӕ дыууын лӕгмӕ;
Елицафаны мыггаджы раздзог Шемайа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕм — дыууӕсӕдӕ лӕгмӕ;
Ладаны фырттӕ: хистӕр — Йехиел, уый дӕле — Зетам ӕмӕ Иоел, ӕртӕ.