Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Давид ӕппӕт Израилы адӕммӕ дӕр фӕсидт Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахӕссой, цы бынат ын равзӕрста, уырдӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:3
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын бахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым нысангонд бынаты сӕвӕрдтой. Давид Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхаста.


Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.


Израилы адӕмы ӕмбырдӕн загъта: «Кӕд разы стут ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, фӕндон у, уӕд ардӕм ӕрсидӕм, Израилы алы рӕтты нын чи баззад, уыцы ӕфсымӕртӕм, уыдонимӕ сӕ сахарты ӕмӕ сӕ уӕтӕрты цӕрӕг сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм дӕр,


Афтӕмӕй, Кирйат-Иаримӕй Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахӕссыны охыл Давид ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилӕгты дӕр — Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй райдайгӕйӕ Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, бахизӕны онг чидӕриддӕр царди, уыдоны.


Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.


ӕмӕ сын загъта: «Левитты мыггӕгты хистӕртӕ! Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Фидыды Чырын ӕрбахӕссут, цы бынат ын равзӕрстон, уырдӕм.


Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.


Соломон ӕгас Израилмӕ фӕсидти: миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм.


Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.


Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа.


Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.


Израилӕгтӕ, Моисей сын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Фембӕлды Цатыры цурмӕ сӕмбӕлын кодтой. Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ