Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахары къӕсӕрӕй куы бахызти, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:29
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давиды сахармӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын куы бацӕйластой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды Дунедарӕджы раз фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.


Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.


Давид ӕрцарди йӕ галуаны, ӕмӕ иуахӕмы пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Дунедарӕджы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».


Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Стаут Ӕй далаимӕ кафтӕй, стаут Ӕй хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзты цагъдӕй.


Фыр удхарӕй баруадтӕн, мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын, мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару, бахус сты ме стджытӕ.


Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.


кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;


Ацы зӕххыл куы сбирӕ уат, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕд Дунедарӕгӕн Йӕ Фидыды Чырыны кой ничиуал скӕндзӕн, нал ыл хъуыды кӕндзысты ӕмӕ йӕ зӕрдыл никӕмӕнуал ӕрлӕудзӕн; нал ӕй ӕрымысдзысты ӕмӕ ӕндӕр Чырын нал сараздзысты.


Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.


Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона.


Уыдис, худгӕ сыл чи кодта, ахӕмтӕ дӕр: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».


Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.


Кӕд сонт стӕм, уӕд — Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд — сымах сӕраппонд.


«Айсут ацы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырыны цур бафснайут. Уым уӕ ныхмӕ ӕвдисӕны хуызы лӕудзӕн,


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


уӕд сын дзуапп дӕтдзыстут: „Дунедарӕджы Фидыды Чырын Иорданыл куы фӕцӕйхызт, уӕд дон йӕ разы уӕлӕрдыгӕй ауӕзтау ӕрлӕууыд. Уыйадыл ацы дуртӕ израилӕгтӕн сты ӕнустӕм зӕрдылдарӕн“».


Уый фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой. (Уыцы заман Дунедарӕджы Фидыды Чырын уым уыди,


Уӕдмӕ Саул та йӕ чызг Мелхолӕйы, Давиды усы, радта галлимаг Палтийӕн, Лаишы фыртӕн.


Адӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕртӕ загътой: «Дунедарӕг нӕ абон филистимӕгты къухӕй цӕмӕн ныддӕрӕн кодта? Цӕй ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын рахӕссӕм Силомӕй, цӕмӕй Уый немӕ уа ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕна не знӕгтӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ