Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:28
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хъӕртӕ ӕмӕ сыкъауадындзы зӕлтимӕ Давид ӕмӕ ӕгас Израил ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын.


Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Дунедарӕджы раз фыр цинӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цагътой.


Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Хуыцауы раз фыр цинӕй кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ цагътой хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй.


Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ.


Сауджынтӕ Шеваниа, Иосафат, Нетанел, Амасай, Захариа, Бенайа ӕмӕ Елиезер, Хуыцауы Фидыды Чырыны разӕй цӕугӕйӕ, цагътой хӕтӕлтӕй. Овед-Едом ӕмӕ Йехиа дӕр хъахъхъӕнджытӕ уыдысты Фидыды Чырынӕн.


Давидӕн йӕ уӕлӕ уыди пӕлӕз, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымацӕй; ахӕм пӕлӕзтӕ уыди Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕн се ’ппӕтыл дӕр, стӕй ма зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сӕ разамонӕг Кенаниайыл. Давидыл ма ноджы уыди гӕн хъуымацӕй ефод дӕр.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахары къӕсӕрӕй куы бахызти, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.


Давид ӕмӕ дингӕнджыты хистӕртӕ Дунедарӕджы хӕдзары кусынӕн баурӕдтой Асафы, Хеманы ӕмӕ Йедутуны фыртты, цӕмӕй пехуымпариуӕг кӕной, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цӕгъдгӕйӕ. Мӕнӕ уыцы лӕггадгӕнджыты номхыгъд.


Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.


фӕлӕ йӕм куы бакастысты, уӕд дисы бафтыдысты; хорзау нал фесты ӕмӕ фӕстӕмӕ ныццавтой.


Дӕ фыдӕхы амӕттаг бауӕнт, Дӕ судзгӕ маст сӕ баййафӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ