Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Азфыстытӕ 15:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Сауджынтӕ Шеваниа, Иосафат, Нетанел, Амасай, Захариа, Бенайа ӕмӕ Елиезер, Хуыцауы Фидыды Чырыны разӕй цӕугӕйӕ, цагътой хӕтӕлтӕй. Овед-Едом ӕмӕ Йехиа дӕр хъахъхъӕнджытӕ уыдысты Фидыды Чырынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Азфыстытӕ 15:24
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.


Уыдонимӕ — сӕ иннӕ ӕрвадӕлты, левитты куысты дӕлдӕр къӕпхӕныл чи лӕууыд, уыдон: Захариа, Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Унни, Елиав, Бенайа, Маасеа, Маттитиа, Елифле, Микнеа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиелы.


Варахи ӕмӕ Елкана Фидыды Чырынӕн хъахъхъӕнджытӕ уыдысты.


Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.


сауджынтӕ Бенайа ӕмӕ Йахазиел та Хуыцауы Фидыды Чырыны раз алкӕддӕр цагътой хӕтӕлтӕй.


Овед-Едомы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Шемайа, дыккаг — Йозавад, ӕртыккаг — Йоах, цыппӕрӕм — Сахар, фӕндзӕм — Нетанел,


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.


Сыкъауадындзтӕй ныууасут Сионы хохыл, комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый.


Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, уасӕнт сыкъауадындзтӕй; уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ